
20 марты Цхинвалы хъуамæ уыдаит митинг. Митингы сæйраг тематæ: «Арæзтадон куыстыты фарстъатæ» æмæ «Адæймагы Æмбæстæгон Барты Хъахъхъæнад».
Ахæм куырдиатимæ горæты администрацимæ бахатыд «цæвæрдæр» Дзассохты Григорий, куыд йæ ‘схуыдта горæты администрации сæргълæууæг Хуыгаты Герасим.
Дзассохты Григорий Шамилы-фырт, цхинвайлаг, професси – слесарь 5 разряд, 1989-93 уæззау хæсты рæстæгы мигæнæн арæзта æмæ цалцæг кодта ирон патриоттæн. Абон у «Сæ Хæдзæрттæ Кæмæн Басыгъдысты» ахæм иугонды лидер. Сæ информацимæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны 08.08.08. Хæсты фæстиуæгыл, уыди иууыл цъус
800 бинонтæ кæмæн цæрæнуаты уавæртæ бынтон нæй – сæ хæдзæрттæ бынтон пырх ‘сты. Абон – 20 мартмæ, ацы нымæцæй хæдзарттæ сарæзтой, ома, цæрæнуавæртæ ис æмæ дзы райдыттой цæрын иуыл фылдæр
45 – 50 бинонтæ. Ахæм фæстиуджытæм æрцыдысты «сыгъдтыты» иугонды лидертæ сæ иртасынады. Бæлвырд информации–сæндидзыны процессы тыххæй, нæй Президентмæ дæр : «
Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ сæ фылдæр бæрцæй сымах (ома Республикæйы Æндидзынады фадыджы æмбæлон структурæты минæвæрттæ)
кæй провокаци кæнут. Уымæн æмæ номхыгъдтæ æмразы не сты æмæ æндидзыд цæуынц æгас уынгты хæдзæрттæ… уымæн ын бындуртæ нæй, афтæмæй.» газетт «Хурзæрин»№21 18март2010
.