Уаездан АЕмбаестаегтае.
Мах цаераем политикон вазыгджын, аемае экономикон уаеззау раестаегы. Ацы аевирхъау дугы, Ирыстоны хицауаддзинад амад цаеуы.
Абон мах, Республика Хуссар Ирыстоны аембаестаегты, цард ногаей фаелвары, фаелвары цы хуызон фидаен равзардзыстаем ууыл? Фарста лаеууы карздаер: аевзараем раст политикон, социалон, аивадон ФИДАЕН, аеви зылын гаедзрахат гаеныстоны фаедаелдон каендзыстаем мах цард аемае Республикае даер. Ирон адаем уыйбаерц не ‘сты, уыйонг сае ресурс не ‘хаессы цаемаей ног Людвиг, каеннод – ног Эдуарды къухдариуаегдзинад аесхаессой.
Хъамбердиаты Мысостаей хуыздаер заегъаен наей:
Фаесидтаен Фаессиваедмае АЕз. Адаем АЕрымбырд мае Цур.
Заегъын сын: Саразаем Фаераез, Нае Саермае Бауромаем Хур
АЕмае йае Тынтаей Уаем АЕдзух. АЕмае дзы ма уал Каенаем Цух!
Цаемаей мауал каенаем цух, мах хъуамае равзараем адеаймагы каецы:
- ног Парламентон аевзаерстытае аеснысан каендзаен (нае абоны Парламент – Парламент наеу)
- демократон уагаеваерд (саерибар пресса, аемуаг критикае).
- Конституцииы ныхмае цы баернон кусджытае фыдракаендтае сараезтой, уыдоныл хъуамае аерцаеуа таерхонадон иртасаен аемае фаедагуырд.
Ранымайаем сае карздаер: Президент, куыд Саейраг АЕвсаедтон Къухдариуаег лаембынаегаей (РХИ Конституци куыд домы) не аерцаеттае кодта РХИ Гарзджын Тыхтае Гуырдзиаг АЕвсады бабырсты ныхмае 080808 хаесты райдианы.
Араезтадон «Управленийты» къухдариуаегтае, саендидзыны процесс каей аххосаей фехаелди, Цхинвал каей аххосаей абоны уаваеры ис, уыцы адаем даер.
- коррупции ныхмае мадзалтае
- эффективон экономика (мини куыстадон, мини ферматае – хеххон хъаеуонхаедзарад)
РХИ Президенттаем кандидат Джиоты Аллайы програмон сидт баелвырдаей аевдисы Алла-йы аергом аемае хъаруджын политикон бындур. Мах цы къахцаефтае ранымадтам, иуылдаер авдыст ‘сты Джиоты Аллайы Програмайы.
Махмае гаесгае, Джиоты Аллайы политикон архайд даетты ныфс аемае Аллаимае иумае, Республика Хуссар Ирыстоны АЕмбаестаегтае аеххаест каендзысты сае фаендтае аемае уаелахиз уыдзысты мах Раесугъд Заеххыл.
Мах уынаем Джиоты Аллайы РХИ Президентаей.
Паераестаты Саермает, ХИ АЕмбастаегты Форумы саергълаеуаег.
Райстаеуыд 19.11.2011., ХИ АЕмбастаегты Форумы рабадты.
РХИ, Цхинвал, Ираетты уынг 43.